Top.Mail.Ru
Ацыд æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны æмæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл къамисы æмбырд • Выпуск 14 ноября 2026 года
РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй ацыд æнæнхъæлæджы цауты фæстиуджытæ иуварс кæныны æмæ зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл республикон къамисы æмбырд. Ныхас цыди Арвы Комы фæндаджы æмæ Транскамы æдасдзинадыл зымæгон сезоны, стæй адæмæн æвæстиаты хъусынгæнæн системæйы уавæрыл. Бæлвырд уынаффæтæ рахастой стратегион ахсджиаг маршрутты æнæкъуылымпы куысты фæдыл. Бæстонæй æрлæууыдысты зæйтæй æмæ ламидæттæй хъахъхъæныны комплексон мадзæлттыл. Сæргълæууæг профилон ведомствæтæн бахæс кодта, зæйтæ цæуыны сезон карз фæткмæ гæсгæ кусын. Боныхъæд куы ива, уæд æвæстиатæй Транскаммæ радхæссæг тыхтæ æмæ фæрæзтæ æрвитын æмæ бæлццæттæн оперативон æххуыс кæнын. Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй ацы къабæзты æдасдзинад аразгæ у æппæт структурæты æмдых куыстæй. "Нæ сæйраг хæс у куыд гæнæн ис, афтæ æнæнхъæлæджы цаутæй адæмы сæдас кæнын. Уый тыххæй се ппæт ведомствæтæ дæр хъуамæ архайой иумæ. Ам ныхас цæуы адæмы æнæниздзинадыл æмæ хъуамæ алчидæр æмбара йæ размæ вæрд хæсты бæрнондзинад", -загъта республикæйы Сæргълæууæг.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Выпуски
2026