Top.Mail.Ru
Алыхуызон цæфты фæстæ реабилитаци ацæуын нырæй фæстæмæ уыдзæн æнцондæр • Выпуск 06 ноября 2026 года
Алыхуызон цæфты фæстæ реабилитаци ацæуын нырæй фæстæмæ уыдзæн æнцондæр. Алагиры районы центрон рынчындоны фæзынд магнитотерапийы ног профессионалон аппарат. Нырыккон кусæнгарз рынчындонæн балæвар кодта парти "Иугонд Уæрæсе"-йы Алагиры районы минæвæртты Сконды депутат Хацъæты Альберт. Уæвгæ сæ рагæй хъуыди. Аппараты терапевтон ахадындзинад стыр у. Рыст кæны къаддæр. Уымæй дарддæр йæ фæрцы тагъддæр байгас вæййынц цæфтæ, сæстытæ æмæ æндæр хуызы рыстытæ. Суанг ма низ куы стыхджын вæййы, уæддæр дзы пайда кæнæн вæййы æдасæй.
Вести. Аланийы хабæрттæ
Новостные, общественно-политические,
5 сезонов, 1070 выпусков
Выпуски
2026